Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 6:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Сауджын-иу хойраджы хуыны сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй йӕ армыдзаг сисӕд, стӕй, йӕ сӕрыл цы буд ӕвӕрд ис, уый иууылдӕр, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 6:15
5 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


ӕмӕ йӕ ӕрбахӕсса Аароны байзӕддӕгтӕм, сауджынтӕм. Сойхӕццӕ ссадӕй сауджын йӕ армы дзаг сисӕд, стӕй буд дӕр иууылдӕр райсӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.


Хуынӕн йӕ иу хай нывондхӕссӕныл басудздзӕн, иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Мӕнӕ хойраджы хуынтӕ хӕссыны ӕгъдау: Аароны фырттӕ-иу сӕ хъуамӕ ӕрбахӕссой Дунедарӕджы размӕ, нывондхӕссӕны цурмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ