32 Уыцы адӕймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс.
Израилы дзыллӕйӕн фехъусын кӕнут, йӕ дӕсӕм бон уӕ алы хӕдзар дӕр йӕ лыстӕг фосӕй иу уӕрыкк рахицӕн кӕнӕд, зӕгъгӕ.
Уӕрыкк хъуамӕ уа ӕнӕсахъат, нӕл, афӕдздзыд. Уӕрыччы бӕсты райсӕн ис сӕныкк.
Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат сӕгъ.
Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй.
Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.
Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.
Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк».
Ӕрлӕууын ӕй кӕна Йӕ разы намысджын Аргъуанӕй, ӕнӕ сау стъӕлфӕй, ӕнӕ къӕмӕй, ӕнӕ ӕндӕр исты аиппӕй, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау куыд уа, афтӕ.
Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.
уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.
Чырысти тӕригъӕд никуы сарӕзта, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас никуы рацыди.
Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.
Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.
Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.