54 Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд йӕ цотимӕ уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн Ӕрдӕгсӕдӕйон азы,
Дунедарӕг зӕгъы: «Хъомысджын уацары кӕй акӕна, уыдон сӕрибаргонд ӕрцӕудзысты, тыхджынӕн дӕр йе ’фтиаг байсдзысты. Уымӕн ӕмӕ дӕ фыдгултимӕ Мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн ӕмӕ дын фервӕзын кӕндзынӕн дӕ фыртты.
Ахӕстытӕн зӕгъдзынӕ, ӕддӕмӕ рацӕут, зӕгъгӕ, тары чи бады, уыдонӕн зӕгъдзынӕ, рухсмӕ рацӕут, зӕгъгӕ. Сӕ фӕндагыл ницы хъуаг баййафдзысты, суанг уӕлвӕзты дӕр ницӕуыл батыхсдзысты.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕйгӕнӕггаг уӕ сӕрмӕ ницы райстон ӕмӕ ӕлхӕнӕггаг дӕр уӕ сӕрыл ницы ратдзынӕн, афтӕмӕй уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн».
ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.
Ӕрдӕгсӕдӕйон азы-иу алчидӕр фӕстӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ раздӕхӕд.
уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ сты Мӕ лӕггадгӕнджытӕ, Мысыры зӕххӕй кӕй ракодтон, уыдон. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.