Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 25:50 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

50 Йӕ балхӕнӕгимӕ-иу анымайӕд, йӕхи йын куы ауӕй кодта, уӕдӕй Ӕрдӕгсӕдӕйон азы онг цал азы рацыди, уый. Фидгӕ та йын хъуамӕ бакӕна, уал азы дӕргъы ӕххуырстӕн цас бафыстӕуы, уыйас.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 25:50
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уӕд ӕй иу чысыл сулӕфын бауадз, ӕххуырст кусӕг йӕ куысты фӕстӕ куыд баулӕфы, афтӕ.


Ныр та зӕгъы: «Ӕртӕ азы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — кадджын Моавыл худинаджы гакк сбаддзӕн. Йӕ бирӕ дзыллӕйӕ ма армыдзаг баззайдзӕн ӕрмӕст».


Дунедарӕг мын загъта: «Афӕдзы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — Кедары кадӕй ницыуал баззайдзӕн.


Кӕд ӕмӕ уыцы аргъ бафидыны фаг не суа, уӕд та, кӕй ауӕй кодта, уыцы зӕхх Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ баззайдзӕн, чи йӕ балхӕдта, уый къухы. Уыцы аз, чи йӕ балхӕдта, уый уыцы зӕххы хай суӕгъд кӕндзӕн, ӕмӕ, чи йӕ ауӕй кодта, фӕстӕмӕ уый исбонмӕ раздӕхдзӕн.


Ӕххуырст кӕнӕ уе ’хсӕн ӕрцӕрӕг ӕцӕгӕлоны цӕстӕй йӕм кӕс, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы онг дӕм кусӕд.


йӕ фыды ’фсымӕр, йӕ фыды ’фсымӕры фырт кӕнӕ та ӕндӕр хион — тугхӕстӕг ын чи ӕййафы, ахӕмӕн. Кӕд йӕхицӕн йӕ къух амона, уӕд та-иу йӕхӕдӕг йӕхи балхӕнӕд фӕстӕмӕ.


Кӕд ма Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ бирӕ азтӕ баззади, уӕд хъуамӕ, цы аргъӕй йӕ балхӕдӕуыд, уымӕн йӕ фылдӕр хай бафида.


Йӕ балхӕнӕгӕн, иу афӕдзмӕ кӕй баххуырсынц, уыцы кусӕджы хуызӕн уӕд; карз ма уӕд йемӕ.


Дӕ цагъары кӕй сӕрибар кӕныс, ууыл ма маст кӕн: уый дын ӕхсӕз азмӕ дыууӕ ӕххуырстӕй фылдӕр пайда ӕрхаста, Дунедарӕгӕй та, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕн дӕ алы хъуыддаг дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ