Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 25:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Ӕгъатыр хицау сын ма у, дӕ Хуыцауӕй тӕрс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 25:43
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕртыккаг бон сын Йосеф загъта: «Ӕз Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ уын зӕгъын, удӕгасӕй баззайдзыстут, мӕнӕ афтӕ куы бакӕнат, уӕд.


Ныр та ма ноджы Иудей ӕмӕ Йерусалимы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй уӕхицӕн цагъартӕ скӕнынмӕ хъавут! Фӕлӕ, ау, уӕхӕдӕг Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, аххосджын ницӕмӕй стут?


Кӕд ӕз, сылгоймагӕй уа, нӕлгоймагӕй, мӕ хӕдзары кусджыты бартӕ ницӕмӕ дардтон ӕмӕ сын сӕ хъаст не ’взӕрстон,


уӕд цы зӕгъдзынӕн, Хуыцау мӕ ныхмӕ куы ралӕууа ӕмӕ мӕ дзуапп куы ӕрдома, уӕд?


Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕстӕ Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ Мысыры паддзахы фӕдзӕхст не ’ххӕст кодтой, удӕгасӕй-иу ныууагътой ноггуырд лӕппуты.


Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын зӕнӕгӕй амонд радта.


Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Израилӕгты дзыназын Мӕм сыхъуыст, федтон, мысырӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый.


Фараоны цӕстдарджытӕ та, Израилы адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы хъахъхъӕнджыты надтой, цы ’мбӕлы, уый цӕуылнӕ кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Самандуртӕ ныронджы бӕрц куыд уа!»


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Хъаст кӕнынц, Дӕ сӕраппонд, дам, ком куы дарӕм, ӕмӕ нӕм Ды кӕсгӕ дӕр куы нӕ кӕныс, сӕрныллӕг нӕхи куы кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Ды хъуыды дӕр куы нӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сымах, ком даргӕйӕ, ӕрмӕст уӕхи фӕнд тӕрут, уе ’ххуырстыты иууылдӕр тухӕнӕй марут.


Лӕмӕгъ фосмӕ нӕ зылдыстут, рынчынты нӕ дзӕбӕх кодтат, сӕ хъӕдгӕмттӕ-иу сын нӕ бабастат, дзӕгъӕл фосы-иу не ’рбаздӕхтат фӕстӕмӕ, сӕфты-иу нӕ бацагуырдтат, семӕ уыдыстут карз ӕмӕ ӕгъатыр.


Уӕ кӕрӕдзи-иу ма сайут, фӕлӕ тӕрсут уӕ Хуыцауӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Израилӕгтӕ сты мӕ лӕггадгӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Ӕз ракодтон Мысыры зӕххӕй; цагъартау сӕ уӕйгӕнӕн нӕй.


Дӕ цагъар нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ дӕ цагъар сылгоймӕгтӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй уӕнт, се ’хсӕнӕй сӕ ӕлхӕнут.


Уӕ бон сӕ у уӕ байзӕддӕгтӕн исбонӕн ныууадзын, семӕ уӕхи, куыд цагъартимӕ, афтӕ дарын, фӕлӕ уе ’фсымӕртӕн, израилӕгтӕн, карз хицӕуттӕ ма ут.


Йӕ балхӕнӕгӕн, иу афӕдзмӕ кӕй баххуырсынц, уыцы кусӕджы хуызӕн уӕд; карз ма уӕд йемӕ.


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм ахӕм цӕстӕй кӕсут, ныууадзут уе ’ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.


Куы уыл бамбӕлдысты, уӕд уыл чъылдымӕрдыгӕй сӕхи ныццавтой ӕмӕ, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нал уыд ӕмӕ фӕсте чи баззад, уыдоны ныццагътой: сымах фыр фӕлладӕй бастадыстут, уыдон та Хуыцауӕй нӕ фӕтарстысты.


Хицӕуттӕ, уӕ цагъартимӕ ут рӕстзӕрдӕ, кӕсут сӕм хорз цӕстӕй. Сымахӕн дӕр уӕларвы Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ