Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 25:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Де ’фсымӕр, израилаг, куы смӕгуыр уа ӕмӕ дын йӕхи куы ауӕй кӕна, уӕд ыл цагъары ’фсондз ма сӕвӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 25:39
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы хъуыддаджы Израилы адӕмы нӕ тыхсын кодта. Уый нӕ, фӕлӕ сӕ йӕхицӕн скодта хӕстонтӕ, фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ, ӕвӕрдта сӕ йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынты сӕргъы.


Пехуымпарты устытӕй иу ӕрбацыди Елисеймӕ, уый куыдта ӕмӕ хъӕр кодта: «Мӕ мой, дӕ цагъар, амарди. Хуыцауӕн кад кӕй кодта, уый дӕхӕдӕг дӕр зоныс. Ныр нӕм, ӕфстау кӕмӕй райста, уый ӕрбацыд ӕмӕ мын хъуамӕ мӕ дыууӕ фырты дӕр байса, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕна».


Ныр та ма ноджы Иудей ӕмӕ Йерусалимы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй уӕхицӕн цагъартӕ скӕнынмӕ хъавут! Фӕлӕ, ау, уӕхӕдӕг Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, аххосджын ницӕмӕй стут?


Махӕн дӕр, дам, не ’фсымӕрты буары хуызӕн ис, нӕ фырттӕ дӕр, дам, уыдоны фыртты хуызӕн сты, афтӕмӕй, дам, махӕн нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ ӕххуырсты дӕттинаг фесты. Ныридӕгӕн, дам, нӕ чызджытӕй иуӕй-иутӕ кӕмӕндӕр цагъар сты ӕмӕ сӕ балхӕнын та ӕппындӕр нӕ амоны нӕ къух. Нӕ хуымтӕ дӕр ӕмӕ, дам, нӕ сӕндӕттӕ дӕр кӕйдӕр къухты сты.


Израилӕгты цард бынтондӕр зындон фестад: змӕстой ӕлыг ӕмӕ дзы амайӕн дуртӕ арӕзтой, быдыры фыдӕбон кодтой. Мысырӕгтӕ тӕригъӕд нӕ зыдтой, уӕззаудӕр цы куыст ис, уыдон сын се ’ккой скодтой.


Дзуттаг цагъары куы балхӕнай, уӕд дӕм бакусӕд ӕхсӕз азы, ӕвдӕм аз ӕй суӕгъд кӕн ӕнӕ фиддон.


Фӕлӕ ацы хъуыддаг хурыскасты фӕстӕ куы ’рцӕуа, уӕд марӕг азымджын у. Давӕг хъуамӕ бафида, фӕлӕ йӕм куы ницы уа, уӕд, цы адавта, уый ныхмӕ уӕйгонд ӕрцӕуӕд йӕхӕдӕг.


Сӕхи дӕр сын ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ басӕтдзысты. Ӕз сын сӕ митӕм ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн».


Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.


Уыцы бон сын Ӕз, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — сӕ бӕрзӕйыл цы ’фсондз ис, уый ныппырх кӕндзынӕн, сӕ бӕндӕнтӕ сын фӕйнӕрдӕм арӕдувдзынӕн! Ӕмӕ уӕд лӕггад кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн нӕ,


„Алчидӕр уӕ йе ’фсымӕры, кӕй балхӕдта, уыцы дзуттаджы, йӕ куысты ӕвдӕм аз хъуамӕ ауадза. Ӕхсӕз азы йын лӕггад кӕнӕд, уый фӕстӕ йӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕна“. Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ нӕ хъуыстой, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтой.


Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман паддзах Цедекиа Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ сфидар кодта фидыд, цӕмӕй сӕ цагъарты ссӕрибар кӕной.


Алчидӕр хъуамӕ йӕ дзуттаг цагъартӕн, усӕй, лӕгӕй, сӕрибар раттаид ӕмӕ йе ’фсымӕрты, иудейӕгты, йӕхимӕ цагъарӕй мачиуал дардтаид.


Уӕ бон сӕ у уӕ байзӕддӕгтӕн исбонӕн ныууадзын, семӕ уӕхи, куыд цагъартимӕ, афтӕ дарын, фӕлӕ уе ’фсымӕртӕн, израилӕгтӕн, карз хицӕуттӕ ма ут.


Цӕмӕй сӕ бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах бардзырд радта, цӕмӕй хӕсджынӕн йӕхи дӕр, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр, стӕй йӕм исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уый иууылдӕр ауӕй кӕной ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хӕс бафидой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ