38 Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, цӕмӕй уын раттон Ханааны зӕхх ӕмӕ уон уӕ Хуыцау.
Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.
«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.
«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».
Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.
Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.
уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн ӕмӕ уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Уӕдӕ ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ».
Пайдайы охыл ын ӕхца ӕфстау ма ратт, хойраг дӕр ын пайдайы фӕдыл ма ауӕй кӕн.
Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй уӕ Хуыцау уа, уый тыххӕй уӕ Мысырӕй Чи ракодта, Уый. Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау».
Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.