31 Ӕнӕбыру хъӕуты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон та нымад цӕуынц зӕххы хӕйттыл: фӕстӕмӕ сын балхӕнӕн ис, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы сӕ суӕгъд кӕнын хъӕуы.
Чи ауӕй кодта, уымӕн йӕ исбон нал бафтдзӕни йӕ къухы, суанг удӕгасӕй куы баззайа, уӕд дӕр, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты тыххӕй дӕр цӕстылуайӕн сӕххӕст уыдзӕн. Тӕригъӕды чи ӕфты, уыдонӕй иунӕг дӕр йӕ цард нӕ бахъахъхъӕндзӕн.
Афӕдзы кӕронмӕ, бырухгӕд сахары цы хӕдзар ис, уый фӕстӕмӕ ӕлхӕд не ’рцыди, зӕгъгӕ, уӕд мыггагмӕ суыдзӕни йӕ балхӕнӕджы, стӕй уымӕн йӕ байзӕддӕгты исбон; Ӕрдӕгсӕдӕйон азы дӕр нал суӕгъд уыдзӕн.
Фӕлӕ левиттӕн сӕ сахарты кӕддӕриддӕр бар ис сӕ хӕдзӕрттӕ фӕстӕмӕ балхӕнынӕн.