Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 25:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Кӕд ӕмӕ уыцы аргъ бафидыны фаг не суа, уӕд та, кӕй ауӕй кодта, уыцы зӕхх Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ баззайдзӕн, чи йӕ балхӕдта, уый къухы. Уыцы аз, чи йӕ балхӕдта, уый уыцы зӕххы хай суӕгъд кӕндзӕн, ӕмӕ, чи йӕ ауӕй кодта, фӕстӕмӕ уый исбонмӕ раздӕхдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 25:28
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы зӕххыл ногӕй ӕлхӕндзысты хӕдзӕрттӕ, зӕххы хӕйттӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ».


ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.


Ӕрдӕгсӕдӕйон азы-иу алчидӕр фӕстӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ раздӕхӕд.


Исчи быруйӕ ӕхгӕд сахары йӕ хӕдзар куы ауӕй кӕна, уӕд ын, йӕ ауӕй кӕнынӕй цалынмӕ афӕдз нӕ рацӕуа, уӕдмӕ фӕстӕмӕ балхӕнӕн уыдзӕн. Уыцы рӕстӕджы дӕргъы йын балхӕнӕн уыдзӕни.


Афӕдзы кӕронмӕ, бырухгӕд сахары цы хӕдзар ис, уый фӕстӕмӕ ӕлхӕд не ’рцыди, зӕгъгӕ, уӕд мыггагмӕ суыдзӕни йӕ балхӕнӕджы, стӕй уымӕн йӕ байзӕддӕгты исбон; Ӕрдӕгсӕдӕйон азы дӕр нал суӕгъд уыдзӕн.


Уый фӕстӕ йӕ цотимӕ аздӕхӕд йӕ мыггагмӕ, йӕ фыдӕлты зӕххы хаймӕ.


Зӕхх та, Ӕрдӕгсӕдӕйон аз куы ралӕууа, уӕд фӕстӕмӕ, кӕмӕй ӕлхӕд ӕрцыд ӕмӕ кӕй зӕххы хай уыди, уый исбон бауыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ