24 Зӕхх куы ӕлхӕнат, уӕд хъуамӕ бар раттат фӕстӕмӕ йӕ балхӕнынӕн.
дӕ фыды ’фсымӕр, Шаллумы фырт Ханамел дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Анатоты сахары раз мын цы зӕххы хай ис, уый балхӕн, мӕ хӕстӕджытӕй мын дӕуӕй ӕввахсдӕр ничи у, ӕмӕ йын цъындыаргъ хъуамӕ ды бафидай“».
Чи ауӕй кодта, уымӕн йӕ исбон нал бафтдзӕни йӕ къухы, суанг удӕгасӕй куы баззайа, уӕд дӕр, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты тыххӕй дӕр цӕстылуайӕн сӕххӕст уыдзӕн. Тӕригъӕды чи ӕфты, уыдонӕй иунӕг дӕр йӕ цард нӕ бахъахъхъӕндзӕн.
Зӕхх мыггагмӕ ауӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн у, сымах та стут, Мӕ зӕххыл чи ӕрцард, ахӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ.
Де ’фсымӕр, израилаг, куы смӕгуыр уа ӕмӕ йӕ зӕххы хай куы ауӕй кӕна, уӕд-иу йӕ хӕстӕгдӕр къабӕзтӕй исчи ӕрбацӕуӕд ӕмӕ йын йӕ зӕхх фӕстӕмӕ балхӕнӕд.
уӕд-иу анымайӕд, йӕ зӕхх ауӕй кӕнынӕй цал азы рацыди, уый ӕмӕ ӕлхӕнӕгӕн, цы азтӕ ма баззади, уыдоны аргъ бафидӕд. Уӕд фӕстӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ раздӕхын йӕ бон суыдзӕн.
Ӕнӕбыру хъӕуты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон та нымад цӕуынц зӕххы хӕйттыл: фӕстӕмӕ сын балхӕнӕн ис, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы сӕ суӕгъд кӕнын хъӕуы.
Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Уыцы Уд у, Хуыцаумӕ нын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн. Райсдзыстӕм сӕ, Хуыцау Йӕ адӕмы куы ссӕрибар кӕна, уӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй Йӕ кадыл ноджыдӕр бафтдзӕн.
Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,
Сыгъдӕг Уды хъыджы ма цӕут, уымӕн ӕмӕ уыл Ирвӕзындзинады бонмӕ сӕвӕрдӕуыд Йӕ мыхуыр.