Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 25:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Сымах бафӕрсдзыстут: „Куы ницы байтауӕм ӕмӕ тыллӕг куынӕ ӕрӕмбырд кӕнӕм, уӕд ӕвдӕм аз цы хӕрдзыстӕм?“

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 25:20
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».


Амациа йын дзуапп радта: «Ӕмӕ израилаг ӕфсадӕн цы сӕдӕ таланты радтон, уыдонӕн та цы кӕнон?» Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ын загъта: «Дунедарӕджы бон дын у уымӕй бирӕ фылдӕр раттын».


Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!


Зӕхх уын йӕ бӕркад дӕтдзӕн, ӕмӕ ӕфсӕст уыдзыстут.


ӕвдӕм аз та зӕххӕн уӕд сабаты ӕнцой, Дунедарӕджы сабат. Уӕ хуымтӕ-иу ма байтаут ӕмӕ-иу уӕ сӕнӕфсиртӕ ма бахсӕдут.


Сабаты аз зӕххыл цыдӕриддӕр ӕрзайа, уый уыдзӕни уӕ хойраг — уӕхицӕн, уӕ цагъар нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ уӕ цагъар сылгоймӕгтӕн, уе ’ххуырстытӕн, уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн,


Ӕппӕт ацы адӕмӕн ӕз дзидза кӕцӕй хъуамӕ ӕрхӕссон, куы кӕуынц ӕмӕ мӕ дзидза куы агурынц, уӕд?


Ӕндӕрмыггаг адӕмтӕй семӕ чи бамбал ис, уыдонӕн сӕ зӕрдӕ алцытӕ агуырдта, ӕмӕ та уыдонмӕ гӕсгӕ ногӕй сдзынӕзтой израилӕгтӕ дӕр: «Ныр дзидзайы комдзаг дӕ дзыхы акӕн!


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Уӕдӕ цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма тыхсут.


Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ