25 Мацы-иу бакусут, Дунедарӕгӕн-иу нывӕндтӕ ӕрхӕссут».
Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой Дунедарӕджы номыл, фӕлӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд нӕма уыди.
Тӕккӕ уыцы бон-иу уазӕмбырд скӕнут, мацы-иу бакусут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста:
Фыццаг бон-иу уазӕмбырд скӕнут, мацы-иу бакусут.