24 «Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон уын уӕд ӕнцойбон, сыкъауадындзты уаст-иу уазӕмбырдмӕ фӕсидӕд.
Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил.
Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.
Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой Дунедарӕджы номыл, фӕлӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд нӕма уыди.
Уыйадыл сауджын Езра ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон чиныг рахаста дзыллӕмӕ: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмбырдмӕ, ӕмбарынхъом чи у, ӕппӕт уыдонмӕ.
Цал боны ӕмӕ нӕ цал азы ӕфхӕрдтай, уыдоны ныхмӕ нын циндзинад ратт,
Моисей ӕмӕ Аарон Йӕ сауджынты ’хсӕн уыдысты, Самуел та — Йӕ ном Ын чи ары, уыдоны ’хсӕн. Уыдон Дунедарӕгмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сын Уый дзуапп лӕвӕрдта.
Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
уӕд ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон, Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон, уӕ бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут
Уайтӕккӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ, куыддӕр фӕстаг сыкъауадындз ныууаса, афтӕ. Сыкъауадындзы уастмӕ мӕрдтӕ райгас уыдзысты, мӕлӕт сын нал уыдзӕн, мах та фендӕрхуызон уыдзыстӕм.
Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон.