Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 23:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ноджы ма-иу тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссут цӕу, дыууӕ фыргуисты та — фидыды нывондӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 23:19
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ Аарон адӕмы тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй аргӕвдӕд цӕуы. Йӕ туг ын мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд ӕмӕ, галы тугӕй куыд бапырх кодта, афтӕ уымӕй дӕр бапырх кӕнӕд Фидыды Чырыны сӕр ӕмӕ йӕ разы зӕхх.


Уыцы дзултӕй уӕлдай ма-иу ӕрбакӕнут авд ӕнӕсахъат фыргуисты, стӕй иу гал ӕмӕ дыууӕ фыры. Уыдон уыдзысты иууылсудзинаг нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ — Дунедарӕгӕн арты нывондӕн, ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Сауджын-иу дыууӕ фыргуисты Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд хоры сӕртӕй конд дзултимӕ. Уыдон уыдзысты Дунедарӕджы уаз хай, сауджыны хай.


Кӕд ӕмӕ дзыллӕйы аххосӕй ӕрцыди рӕдыд, уӕд дзыллӕ иумӕйагӕй ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывонд — гал, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ, стӕй тӕригъӕды нывондӕн — сӕгъ.


Иу цӕу та ма — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ