Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 23:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Мадӕр дзул, мадӕр цӕкуытӕ, мадӕр хъуыдыды нартхор бахӕрут, цалынмӕ уӕ Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрбахӕссат, уӕдмӕ. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 23:14
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды сын бафӕдзӕхстай Дӕ уаз сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ сын Дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты фехъусын кодтай Дӕ фӕдзӕхстытӕ, Дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Де ’гъдӕуттӕ.


Чи йӕ тохуӕрдӕттӕй ӕппӕлы, чи — йӕ бӕхтӕй, мах та стауӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ном.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Дӕ хуымы хоры сӕртӕ хӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц».


ӕмӕ израилӕгтӕн амонут, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон».


Дунедарӕгӕн дӕ хоры сӕртӕй хойраджы хуын куы хӕссай, уӕд-иу ӕрбахӕсс фӕхты хост цӕкуытӕ — цъӕх ӕфсиртӕй.


Мацы-иу бакусут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым.


Уыцы бӕрӕгбон, Дунедарӕджы бӕрӕгбон, ӕрвылаз дӕр бӕрӕг кӕнут ӕвдӕм мӕйы — авд боны дӕргъы. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ; ӕвдӕм бон-иу бӕрӕг кӕнут уыцы бӕрӕгбон.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Дӕхӕдӕг дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ, уый дӕ рох ма уӕд, ӕмӕ бӕстон ӕххӕст кӕн ацы ӕгъдау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ