13 Алчер хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ӕнӕцыд чызг ракура.
Мадӕр сӕ идӕдз усы исчи ракурӕд, мадӕр, йӕ мойӕ чи рахицӕн, ахӕм сылгоймаджы. Ӕмбӕлы сын ӕрмӕст чызг ракурын Израилы адӕмы мыггӕгтӕй, науӕд та — сауджыны идӕдз усы.
Йӕ Хуыцауы Уаз Цӕрӕнӕй дӕр-иу ма рацӕуӕд ӕмӕ йӕ уымӕй ма фӕчъизи кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕрдӕн сойӕ снывонд чындӕуыд йӕ Хуыцауӕн. Ӕз — Дунедарӕг.
Нӕй йын ракурӕн нӕдӕр идӕдзы, нӕдӕр уагъд, хӕтаг кӕнӕ, чи фӕчъизи ис, ахӕм сылгоймаджы. Йӕ бон ракурын у ӕрмӕстдӕр ӕнӕцыд чызджы йӕхи мыггагӕй.
Сауджын ма ракурӕд хӕтаг, чи фӕчъизи ис кӕнӕ йӕ лӕгӕй чи ахицӕн ис, ахӕм сылгоймаджы, уымӕн ӕмӕ уаз у Хуыцауы раз.
Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иунӕг Лӕгӕн — Чырыстийӕн — ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы.
Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау.