Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 20:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сылгоймаг исты фосмӕ куы бацӕуа, цӕмӕй йемӕ ӕриу уа, уый тыххӕй, уӕд-иу сылгоймаджы дӕр ӕмӕ фосы дӕр амарут. Сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 20:16
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Къухӕй-иу ӕм мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ дурты бын фӕкӕнут, науӕд та йӕ фатӕй фехсут. Фос уа ӕви адӕймаг — удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй, сыкъауадындзы уасынмӕ хохмӕ ссӕуыныл куы архайа, уӕд».


Гал йӕ сыкъатӕй нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕна, уӕд ӕй дурты бын фӕкӕнын хъӕуы. Йӕ дзидза йын хӕрӕн нӕй. Галы хицау ницы аххосджын у.


Искӕй цагъары — нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы — гал куы ныццӕва, уӕд галы хицау хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист цагъары хицауӕн. Галы та дурты бын фӕкӕнын хъӕуы.


Фосимӕ чидӕриддӕр ӕриу уа — мард ӕрцӕуӕд.


Ма ӕриу у фосимӕ, дӕхи ма фӕчъизи кӕн. Сылгоймаг дӕр фосы бын ма ’рхуыссӕд — уый ӕлгъаг ми у.


Фосимӕ чи ӕриу уа, уый мард ӕрцӕуӕд. Фосы дӕр-иу амарут.


Исчи йӕ хойы куы ракура, иу фыд кӕнӕ иу мадӕй гуырд кӕимӕ у, ахӕмы ӕмӕ йемӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд уый стыр худинаг у, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт адӕмы раз ӕмӕ сӕ адӕмӕй фӕхъӕуӕнт. Йӕ хоимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕфхӕрд баййафа.


Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ уыди, цы сын фӕдзӕхстӕуыд, уымӕ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзӕва, уӕд уый дӕр дуртӕй мард ӕрцӕуӕд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ