14 Исчи искӕцы сылгоймагӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ мады дӕр куы ракура, уӕд уый ӕнӕуаг ми у. Ӕртӕйӕ дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕнт, цӕмӕй уе ’хсӕн хъахбайдзинад ма уа.
Ма ӕрӕмуат у сылгоймаг ӕмӕ йӕ чызгимӕ, ма ӕрӕмуат у сылгоймагӕн йӕ цоты чызджытимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон уыцы сылгоймагӕн йӕ туг, йе стӕг сты — уый ӕлгъаг ми у.
Сауджыны чызг хӕтынӕй куы фӕчъизи уа, уӕд йӕ фыды ӕгад кӕны, ӕмӕ йӕ арты басудзын хъӕуы.
Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ усы мадимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй».
Уым Йешуа загъта Аханӕн: «Ацы фыдбылыз ныл цӕмӕн бафтыдтай? Абон дын Дунедарӕг дӕхиуыл фыдбылыз ӕфтауы!» Ӕмӕ Израилы дзыллӕ уым Аханы дурты бын фӕкодтой. Уый фӕстӕ та — уырдӕм ма кӕй ӕрбакодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ басыгътой.