Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 19:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ: алыхуызон фосы мыггаг кӕрӕдзиимӕ ма хъазын кӕнут; дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма таут уӕ хуымы; алыхуызон ӕндӕхтӕй конд дарӕс ма скӕнут уӕ уӕлӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 19:19
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цивоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана. Ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ фыд Цивоны хӕрджытӕ хизгӕйӕ, тӕвд суадӕттӕ ацы Ана ссардта.


Авессаломы дӕлдӕртӕ йын йӕ ныхас куы сӕххӕст кодтой, уӕд паддзахы фырттӕ ӕмхуызонӕй сӕ хӕргӕфсытыл абадтысты ӕмӕ лидзынмӕ фесты.


Авессаломӕн Давиды адӕм ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ размӕ фесты. Йӕ хӕргӕфсыл егъау теревинфы бынты куыд фӕцӕйуад, афтӕ йын къалиутӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ацахстой. Хӕргӕфс йӕ бынӕй алыгъд, ӕмӕ Авессалом арв ӕмӕ зӕххы ’хсӕн ауыгъдӕй аззади.


ӕмӕ сын уый бафӕдзӕхста: «Мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл абадын кӕнут ӕмӕ, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй йӕ Гихоны доны онг бахӕццӕ кӕнут.


Бӕхтӕ сӕм уыдис авдсӕдӕ ӕртын ӕхсӕз, хӕргӕфсытӕ — дыууӕсӕдӕ цыппор фондз,


Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнут: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн».


Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уӕд ацы зӕххыл ӕдасӕй цӕрдзыстут.


Фӕсномыг ныхас дӕр сын ракодта: «Ног дарӕсӕй гӕппӕл ничи скъуыны ӕмӕ дзы зӕронд дарӕс не ’мпъузы. Науӕд ног дарӕс дӕр ныскъуыдтӕ уыдзӕн, зӕронд дарӕсыл дӕр ӕмпъузӕн не сбаддзӕн.


Ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕд Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сӕвзӕрста, уӕд сӕ хъуыддӕгтӕ нымад не сты, науӕд хорзӕх нал уаид хорзӕх.


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ