18 Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.
Ламех йӕ устытӕн загъта: «Ада ӕмӕ Циллӕ, ӕрбайхъусут ардӕм! Ламехы устытӕ, хъусут мӕ ныхӕстӕм! Ӕз амардзынӕн, чи мӕ фӕцӕф кӕна, уыцы лӕджы. Мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн, чи мӕ ныццӕва, уыцы лӕппуйы.
Авессалом та Амнонӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕуынон сси, йӕ хо Тамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.
Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».
Ды уыдонӕн арӕнтӕ скодтай ӕмӕ сын нӕй ахизӕн сӕ сӕрты, цӕмӕй зӕхх мауал фӕдӕлдон кӕной.
Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.
Ма дзур: «Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!» Дӕхи Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ Уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.
Цыма бынӕттон цӕрджытӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсут. Уарзут сӕ, уӕхи куыд уарзут, афтӕ. Рох уӕ ма уӕд, уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕй уыдыстут, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.
Йесомӕ ӕрбацыди иу лӕппу ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсыны тыххӕй хорзӕй цы саразон?»
„Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“ ӕмӕ „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“».
Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы. Ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ сымах дӕр кӕрӕдзийы уарзут.
Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»
Йӕ фыдӕх фыдӕхӕй макӕмӕн фидут. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл.
Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Сыгъдӕг Фысты зӕгъы: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс — цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.
«Ма хӕт», «Ма амар», «Ма дав», [«Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу»], «Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бабӕлл», — уыцы фӕдзӕхстытӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ мидис мӕнӕ ацы ныхӕсты ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз».
Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы ӕппӕт мидис иу ныхасы ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз».
мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,
Мӕстыгӕр ӕмӕ знӕт уӕвын, хъӕр-хъӕлӕба, фыдгой ӕмӕ алы ӕндӕр фыдӕх — ӕппӕт уыдӕттӕ ныууадзут.
Усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызг, дзидзидай саби ӕмӕ урссӕр зӕронд дуарӕн ӕдде цыргъагӕй цагъды кӕндзысты, хӕдзары мидӕг та — фыр тӕссӕй.
Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.
Ныр ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ: мӕсты, фыдӕх, фыдгой, ӕнӕуаг ныхӕстӕ.
Мах зонӕм, афтӕ Чи загъта: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Бардарӕг тӕрхон кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн».
Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Дӕхи куыд уарзыс, хионы дӕр афтӕ уарз». Ӕмӕ кӕд сымах Паддзахы уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрут, уӕд раст кӕнут.
Уӕдӕ ныууадзут алы хӕрам, хин, цӕстмӕми, хӕлӕг ӕмӕ фыдгой.
Ӕмӕ нын Уый бафӕдзӕхста, Хуыцауы чи уарзы, уый йе ’фсымӕры дӕр куыд уарза, афтӕ.