15 Раст тӕрхон ма сзыгъуыммӕ кӕн. Ма хъулон кӕн мӕгуыры ӕмӕ хъӕздыджы зӕрдӕ ма ’лхӕн — алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон кӕн.
Йӕ сӕрвӕлтау фӕливгӕ кӕнут, Йӕ сӕрыл хӕцын сымахмӕ кӕсы?
Мӕ разы чифӕнды дӕр уӕд, цурон ныхасмӕ мӕм мачи ӕнхъӕлмӕ кӕсӕд.
Фӕлӕ Уый бардартӕн цурон митӕ нӕ кӕны, Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не ’вӕры, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый.
О Хуыцау, ма у ӕнӕсым, ма лӕуу ӕнцад! ма у ӕнӕдзуапп, Хуыцау!
Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.
Фыдгӕнӕгӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ рӕстуды раст тӕрхонӕй ӕнӕхай кӕнын хорз нӕу.
Мӕнӕ ма ноджыдӕр куырыхонты ’мбисӕндтӕ: тӕрхондоны искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу.
Рӕстдзинады сӕрыл дзур, тох кӕн, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк чи у, уыдоны сӕраппонд.
Дӕргъ, уӕз кӕнӕ бӕрцуат баргӕйӕ, макӕй фӕливут.
Ӕдде цы зыны, уымӕ ма кӕсут, фӕлӕ кӕнут ӕнӕхӕрам тӕрхон».
Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ӕрцӕвдзӕн, чъырӕйцагъд сис! Цӕмӕй мын Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнай, уый тыххӕй ам бадыс, афтӕмӕй радтай мӕ нӕмыны бардзырд ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау!»
Тӕрхон кӕнгӕйӕ, хъулон макӕй кӕнут: стырмӕ дӕр ӕмӕ чысылмӕ дӕр хъусут, макӕмӕй тӕрсут — тӕрхон Хуыцауӕй лӕвӕрд у. Зынӕвзарӕн уын цы хъуыддаг уа, уый та-иу мӕнмӕ фӕхӕццӕ кӕнут, ӕмӕ йӕм ӕз ӕркӕсдзынӕн“.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау.
Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсы бартӕ йӕ къӕхты бын чи кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“