Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 15:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Нӕлгоймаг йемӕ ӕмуат ӕрцыди ӕмӕ йӕ сылгоймаг, ӕнӕсыгъдӕг цӕмӕй у, уымӕй самӕста, зӕгъгӕ, уӕд нӕлгоймаг авд боны дӕргъы ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн, кӕм схуысса, уыцы хуыссӕн дӕр афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 15:24
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы адӕмы гуымирытӕм чи нӕ кувы ӕмӕ сын кувӕн къуыбыртыл сӕ нывӕндтӕй чи нӕ аходы, йӕ хионы усы чи нӕ ӕгад кӕны ӕмӕ йӕхи усимӕ йӕ туг цӕуыны заман чи нӕ ӕрӕмуат вӕййы,


Де ’хсӕн ис, йӕ фыды чи фегад кӕны, ахӕмтӕ: йӕ усимӕ йын ӕмуат ӕрцӕуынц; сӕ устытӕн батых кӕнынц се ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман.


Ахӕм сылгоймагӕн йӕ хуыссӕны кӕнӕ, кӕм бадти, уый уӕлӕ цы дзаума уа, ууыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


стӕй ӕрвылмӕйон тугцыд цы сылгоймагмӕ фӕзыны — алы ӕнӕсыгъдӕгдзинад цы нӕлгоймагӕй кӕнӕ сылгоймагӕй рацӕуы, стӕй, ӕнӕсыгъдӕг сылгоймагимӕ ӕмуат цы нӕлгоймаг ӕрцӕуы, уыдоны тыххӕй ӕгъдӕуттӕ».


Сылгоймагмӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ма бавнал, уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕнӕсыгъдӕг у.


Исчи сылгоймагимӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд ын уымӕй раргом кӕндзӕн йӕ тугцыд; сылгоймаг дӕр афтӕмӕй ӕвдисы йӕ тугцыд, ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр амардзысты, сӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзысты.


Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.


Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ