20 Сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд буары арф ныххызти, хъуынтӕ та сурс сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: сынчъы бынаты хъотыр фӕзынди.
сынчъы бынаты та урс тӕппал кӕнӕ сырхбын урс стъӕлф куы фӕзына, уӕд рынчын йӕхи сауджынӕн фенын кӕнӕд.
«Искӕмӕн йӕ буарыл тӕппӕлттӕ, цъутхӕлттӕ кӕнӕ урс стъӕлфытӕ куы фӕзына, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ йыл хъотыр фӕзынди. Уыцы адӕймаджы хъӕуы ӕрбакӕнын сауджын Ааронмӕ кӕнӕ йӕ байзӕддӕгтӕй, сауджынтӕй, искӕмӕ.
Фӕлӕ сауджын, хъуынтӕ урс не сты, ӕфхӕлд дӕр буары нӕ ныххызти ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уый куы фена, уӕд рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.
Сауджын ын йӕ буары ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд, ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлдыл цы хъуынтӕ ис, уыдон сурс сты, ӕфхӕлд йӕхӕдӕг та буары арф ныххызти, уӕд уый хъотыр у. Сауджын уый куы фена, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл.
Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».
Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ».
Кӕд нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй аныгъуылдысты ӕмӕ сӕ амӕттаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн.