Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 11:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Хӕрын уын цы цӕрӕгойы фыд ӕмбӕлы, ахӕм ныххӕдмӕл ис, зӕгъгӕ, уӕд, чи йыл бандзӕва, уый ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн изӕрмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 11:39
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме ’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ».


Мӕнӕ, адӕймаг кӕмӕй фӕчъизи вӕййы, уыцы цӕрӕгойтӕ. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Ахӕм цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ахӕм цӕрӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн.


Ацы хилӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Фӕлӕ нӕмгуытыл дон конд ӕрцыд ӕмӕ йыл уый фӕстӕ цӕрӕгойы мард ӕрхауди, зӕгъгӕ, уӕд уыцы нӕмыг ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн сымахӕн.


Йӕ дзидзайӕ йын чи фӕхъӕстӕ уа, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Уыцы цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.


Хӕдзармӕ йе ’хгӕды бонты чи бацӕуа, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы йӕ цъӕй цӕуынӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.


Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ буарыл чи бандзӕва, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Цӕу Азазелмӕ чи аскъӕрдта, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.


Хӕдмӕл фосы кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттоной, уымӕн йӕ фыд чидӕриддӕр бахӕра — израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг — йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, уый фӕстӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.


Аароны байзӕддӕгтӕй хъотырӕй рынчын чи уа кӕнӕ йӕ цъӕй кӕмӕн миза, уый кувинӕгтӕй ма хӕрӕд, цалынмӕ ссыгъдӕг уа, уӕдмӕ. Мардыл бандзӕвынӕй цы дзаума фӕчъизи ис, ууыл чи бандзӕва, йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй кӕмӕн акӕла,


— уыдӕттӕй истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Цалынмӕ йӕхи нӕ цынайа, уӕдмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕй.


Аароны байзӕддӕгтӕй хӕдмӕл фыд кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм цӕрӕгойы фыд мачи бахӕрӕд — фӕчъизи уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Марды буарыл чи бандзӕва, уый авд боны дӕргъы уыдзӕни чъизи.


Искӕй къухӕй чи фӕмард, ууыл кӕнӕ йӕхи низӕй амӕлӕгыл, адӕймаджы стӕгдар кӕнӕ ингӕныл хӕдзарӕн ӕдде чи андзӕва, уый чъизи уыдзӕн авд боны.


Уый фӕстӕ сауджын хъуамӕ йӕ дарӕс цӕхса, йӕхи цынайа, ӕмӕ йын уӕд рӕсӕнуатмӕ аздӕхӕн ис, фӕлӕ чъизийыл нымад уыдзӕн изӕрмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ