37 Цӕрӕгойы мард тауинаг нӕмгуытыл куы ӕрхауа, уӕд уыдон баззайдзысты сыгъдӕгӕй.
Сыгъдӕгӕй баззайдзысты ӕрмӕстдӕр суадон кӕнӕ донуат. Ӕрмӕст, уырдыгӕй цӕрӕгойы мард чи сиса, уый уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг.
Фӕлӕ нӕмгуытыл дон конд ӕрцыд ӕмӕ йыл уый фӕстӕ цӕрӕгойы мард ӕрхауди, зӕгъгӕ, уӕд уыцы нӕмыг ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн сымахӕн.
Ӕмӕ, ды куы фӕтауыс, уӕд фидӕны буар нӕ тауыс, фӕлӕ бӕгънӕг нӕмыг, мӕнӕуы нӕмыг уа ӕви ӕндӕр истӕй нӕмыг.
Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы.
Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд.
Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы.