19 Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут.
Уӕд Исаак чызджы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта ӕмӕ ныр нал хъынцъым кодта йӕ мады мардыл.
Дӕ цард цыбыр у, ӕмӕ дӕ уарзон усимӕ амондджынӕй цӕр; бонтӕ тагъд фӕуынц, алы боныл дӕр цин кӕн — ацы дунейы уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ куысты хӕрзиуӕг.
«Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.
Сӕ былалгъыл — ӕрмӕстдӕр ӕлгъыст ӕмӕ маст ныхас.
Мӕстыгӕр ӕмӕ знӕт уӕвын, хъӕр-хъӕлӕба, фыдгой ӕмӕ алы ӕндӕр фыдӕх — ӕппӕт уыдӕттӕ ныууадзут.
Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтӕ — йӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн,
Уыимӕ — сымахмӕ дӕр: алчидӕр, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы, ус та аргъуыц кӕнӕд йӕ лӕгӕн.
Ныййарджытӕ, уӕ цоты зӕрдӕтӕ ма риссын кӕнут, цӕмӕй зӕрдӕсаст ма фӕуой.
Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.
Сымах дӕр, лӕгтӕ, цӕрут уӕ устытимӕ, уыдон лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ. Нымайут сӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уемӕ райсдзысты Хуыцауы хорзӕх — мыггагмӕйы цард. Уӕд уӕ куывд нӕ фӕкъуылымпы уыдзӕн.