Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Колоссӕгтӕм 2:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕрмӕстдӕр ӕддаг бакастӕй зынынц зондджын, сӕхи ӕрхъуыдыгонд лӕггадимӕ, сӕрныллӕгдзинадимӕ, буар ӕнӕхъуаджы хъизӕмаримӕ, ӕцӕгӕй та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдыл сӕ бон нӕ цӕуы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Колоссӕгтӕм 2:23
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бардарӕг Йесо Чырысти суӕд уӕ хотых, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды ӕмӕ йӕ монцты фӕдыл ма цӕуат.


Йӕ буар ӕнӕуынон никуы никӕмӕн уыд, фӕлӕ йӕ алчидӕр ӕфсады ӕмӕ йыл мӕт кӕны. Афтӕ Чырыстийы мӕт дӕр Йӕ Аргъуаныл у,


Се ’нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ мачи асайӕнт. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.


Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрхъуыдыгонд фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ. Уыцы уагӕвӕрдтӕ дзурынц се спайда кӕныны фӕстӕ аппарынӕй уӕлдай чи ницӕмӕнуал фӕбӕззы, уыцы дзауматыл.


Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.


Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц цыдӕр хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон.


Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ