15 Хицӕуттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарылтыгъдӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕгад сты ӕппӕт дунейы раз.
Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
Дӕ цагъарӕй Де ’ргом ма аздах, батагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт — уымӕн ӕмӕ тынг тыхст дӕн!
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Кӕй бон бауыдзӕн тыхджыны хӕдзармӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ фӕллӕйттӕ рахӕссын, раздӕр уал ын йӕхи куынӕ сбӕтта, уӕд? Ӕрмӕст ын уӕд бантысдзӕни хӕдзар сафтид кӕнын.
Йесо сын загъта: «Ӕз федтон сайтаны уӕларвӕй ӕрвӕрттывдау ӕрхаугӕ.
Фӕлӕ йӕм йӕхицӕй тыхджындӕр куы бабырса, уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы хӕцӕнгӕрзтыл дардта, уыдон ын байсдзӕн ӕмӕ йын йӕ мулк байуардзӕн.
Тӕрхон уый мидӕг ис, ӕмӕ ацы дунейы ӕлдар тӕрхонгонд ӕрцыд.
Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.
Уый фӕстӕ ӕрцӕудзӕн кӕрон. Чырысти ӕппӕт ӕнӕбуар хицӕутты, барджынты ӕмӕ тыхджынты куы басӕтта, уӕд Паддзахад ратдзӕни Фыдмӕ — Хуыцаумӕ.
Бузныг Хуыцауӕй — Уый нӕ уӕлахиздзаутау кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац ӕхцон хӕрздӕфау Хуыцау мах руаджы парахат кӕны алы ран дӕр.
Ацы дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, кадылдзурӕг Фарны Уацы тӕмӕнкалгӕ рухс.
цӕмӕй, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн Аргъуаны руаджы ныр зындгонд уа Хуыцауы уӕлзонд, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, уый.
Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ссыд уӕлӕмӕ, райста уацайрӕгты ӕмӕ адӕймӕгтӕн радта лӕвӕрттӕ».
Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы ӕлдӕртты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг монты ныхмӕ.
Уымӕн ӕмӕ, арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: паддзахы бадӕнтӕ ӕмӕ ӕлдарадтӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ — ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд.
Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты сӕргъы.
Ӕмӕ, хъӕбултӕ буар ӕмӕ тугӕй конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары — хӕйрӕджы — ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ
Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.
Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.