Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Колоссӕгтӕм 1:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 ӕмӕ Чырыстийы фӕрцы ӕппӕт дӕр бафидауын кӕна Йемӕ. Чырысти дзуарыл цы Туг ныккалдта, уымӕй Хуыцау бафидауын кодта уӕларвонты ӕмӕ зӕххонты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Колоссӕгтӕм 1:20
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


Уый ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Кӕд ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ ’рбабырсой ӕмӕ нын нӕ сахартӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ ныхмӕ авд фыййауы ӕмӕ аст ӕлдары ӕрлӕууын кӕндзыстӕм.


дыууӕ стуры, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Авиданы, Гидеонийы фырты, хуын.


Ныййардзӕни дын Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»


Корнелий загъта: «Ӕртӕ боны размӕ, ацафон, фарӕстӕм сахатыл, ӕз куывтон мӕ хӕдзары. Уӕд мӕ разы ӕрттивгӕ дарӕсы февзӕрд иу лӕг


Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ.


афон куы ралӕууа, уӕд, арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, ӕппӕт уыдон баиу кӕндзӕни Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы, Уый сӕ сӕргъы уыдзӕни, афтӕмӕй.


цӕмӕй Йесойы номы раз ӕрзоныг кӕной, уӕларв, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр,


Уымӕн ӕмӕ, арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: паддзахы бадӕнтӕ ӕмӕ ӕлдарадтӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ — ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ