Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Хъарӕг 5:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Хъарӕг 5:7
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон ын загътой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕрӕй иу лӕджы фырттӕ стӕм, ханаанӕгтӕ. Кӕстӕр ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис, нӕ иу ӕфсымӕр та нал ис».


Сӕ фыд Йаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Йосеф нал ис. Симеон нал ис. Бениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр мӕныл цӕуынц!»


Цӕуылнӕ мын ныббарыс мӕ азым, цӕуылнӕ мын ныххатыр кӕныс мӕ тӕригъӕд? Ӕз рӕхджы фӕдӕлсыджыт уыдзынӕн, агурдзынӕ ма мӕ, фӕлӕ — ницы!»


Ныр мӕ чи уыны, уый мӕ нал фендзӕни. Кӕс — ӕмӕ нал дӕн.


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Дунедарӕг, нӕхи ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндтыл сӕттӕм, фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.


Уӕд-иу сын дзуапп ратт: уӕ фыдӕлтӕ Мӕ ныууагътой, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой, Мӕн та ныууагътой ӕмӕ Мын Ме ’Гъдау не ’ххӕст кодтой.


Фӕлӕ сымах уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут, алчидӕр уӕ йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕуы ӕмӕ Мӕм нӕ хъусы.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».


Уыцы заман афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: „Сӕ фыдӕлтӕ цъӕх сӕнӕфсир хордтой, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты дӕндӕгтӕ фехӕлдысты“, зӕгъгӕ.


Де ’нӕуаг ӕмӕ де ’лгъаг миты тыххӕй адӕттӕ ӕвзарыс, — зӕгъы Дунедарӕг.


«Израилы зӕххыл ахӕм ӕмбисонд цӕмӕн дзурут: „Туаг сӕнӕфсир фыдӕлтӕ хордтой, цъӕхдӕндаг та сӕ цот фесты“?


Кӕм сты ныр уӕ фыдӕлтӕ? Науӕд пехуымпартӕ ӕнусмӕ цӕрдзысты?


„Дунедарӕг бирӕбыхсаг ӕмӕ бирӕбараг у! Уый ныххатыр кӕны рӕдыдтытӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕ, фӕлӕ аххосджыны ӕназымыл нӕ банымайы. Уый ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг тӕригъӕд бафидын кӕны“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ