20 Цӕмӕн нӕ ныууагътай уый бӕрц рӕстӕгмӕ? Цӕуылнӕ нӕ ӕрымысыдтӕ ныронг?
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Ӕнӕзонд йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Хуыцау нӕй!» Фехӕлдысты адӕм, ӕлгъаг митӕ кӕнынц, хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
Дунедарӕг уӕларвӕй фӕлгӕсы адӕммӕ, кӕсы: цымӕ се ’хсӕн, Хуыцауы чи агуры, иу ахӕм ӕмбаргӕ адӕймаг ис?
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. Зарӕг.
О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ адӕмы куывдтытӕм кӕдмӕ мӕсты кӕндзынӕ?
О Дунедарӕг, Ды хӕрзгӕнӕг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, ӕнӕкӕрон у Дӕ хорзӕх, чи Дӕм кувы, уыдонӕн.
Ныр Сионы сахары адӕм та дзырдтой, Дунедарӕг нӕ ныууагъта, Нӕ Хуыцауӕй ферох стӕм, зӕгъгӕ.
«Йерусалим, дӕ систы сӕрыл дын сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ загътон, цӕмӕй сӕ хъӕлӕс хъуыса ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр». Йерусалимы сахары макуы ӕрмынӕг уӕд, Дунедарӕджы чи нымайы, уыдоны хъӕлӕс!
Рохст лӕджы, фервӕзын кӕнын нӕ йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм хӕстоны хуызӕн цӕмӕн сдӕ? О Дунедарӕг, не ’хсӕн куы цӕрыс, Дӕ ном ныл куы сӕвӕрдӕуыд! О, ма нӕ ныууадз, курӕм!