17 Нӕ зӕрдӕтӕ фӕйнӕрдӕм тонынц, нӕ цӕстыты рухс бамынӕг.
Саугуырм бадӕн мастӕй, царм ӕмӕ стджытӕ ма мӕ баззади.
Ӕнӕзонд ма ут, цӕмӕй коммӕ кӕса, уый тыххӕй йе ’фсӕртыл идон ӕмӕ идоны къӕбӕлтӕй кӕмӕн ныххӕцынц, уыцы бӕх кӕнӕ хӕргӕфсау».
Ӕмӕ ма ныр цӕмӕ у мӕ каст, Дунедарӕг? Мӕ ныфс ӕрмӕстдӕр Ды дӕ.
Бафӕлладтӕн мӕ хъӕрзынӕй, ӕрвылӕхсӕв мӕ сынтӕджы калын мӕ цӕссыг, цӕстысыгӕй мӕ хуыссӕнуат ныхсын.
Мӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдон фӕхудинаг уӕнт, фидиссаг фӕуӕнт! Ме сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон ӕгадӕй аздӕхӕнт фӕстӕмӕ.
Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.
Мӕ хъӕлӕс уыди зӕрватыччы цъиу-цъиуы, бӕлоны хъуырруйы хуызӕн. Арвы бӕрзондмӕ кастӕн ныфссастӕй ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг! Нал фӕразын, фӕдзӕхсын дыл Мӕхи!“
Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.
«О, удхарӕй мӕлын, мӕ зӕрдӕ риссы!
Уӕларвӕй мыл ӕруагъта арт. Уӕ, судзы мӕ! Мӕ размӕ мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдта. Уӕ, лидзӕг мӕ фӕкодта! Уӕ, мӕнӕ фыр тӕссӕй куы бандзыг дӕн, куы кӕлы алы бон мӕ туг!
Сӕ фыдракӕндтӕм сын ӕркӕс, ӕгъатырӕй сӕ бафхӕр, мӕнӕн куыд нӕ ныббарстай, афтӕ! Уӕ, не ’нцайы мӕ хъӕрзын! Уӕ, байсысти мӕ туг!
Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц!
Цӕмӕй адӕм схъомпал уой ӕмӕ сӕ бирӕ фӕцагъды уа, уый тыххӕй сын алы сахары кулдуармӕ дӕр сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзынӕн ӕвзидгӕ кард. Уый цӕхӕртӕ калдзӕнис арвӕрттывдау, цыргъгонд ӕрцӕудзӕн адӕмы цӕгъдынмӕ.
Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘. Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».
Чи ма уӕ аирвӕза, уыдонӕн знаджы зӕххытыл сӕ зӕрдӕты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ-иу сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр лидзӕг фӕуыдзысты, раст сӕм цыма кардӕй ӕвзидынц, уыйау. Фӕсте сӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй ахаудзысты зӕххыл.
уый тыххӕй сӕ Ӕз ныззыгуым кӕндзынӕн, гӕныстонмӕ сӕ ӕркӕндзынӕн сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.
Фӕлӕ уыцы адӕмты ’хсӕн дӕр ӕнцой не ссардзыстут, уӕ къӕхты фӕллад дзы не суадздзыстут. Дунедарӕджы фӕндӕй уӕ зӕрдӕтыл ризӕг бахӕцдзӕн, уӕ цӕстыты цӕхӕр бамынӕг уыдзӕн, бастайдзысты уӕ удтӕ.