16 Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!
Мӕ кад мын байста, мӕ кады худ мын систа мӕ сӕрӕй.
Раст фӕндагыл цы адӕм цӕуынц, уыдонӕн сӕ номы кой айхъуысы, тӕригъӕд та сын — худинаджы хос.
уымӕн ӕмӕ хъӕздыгдзинад ӕнусон нӕу ӕмӕ паддзахы кады худ дӕр алы хатт иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ не ’рхауы.
Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.
Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».
Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!
Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.
Ды уыдӕттӕ дӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарыс, дӕ фыдракӕндты аххосӕй хъизӕмарӕй мӕлыс.
О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!
О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц!
О Дунедарӕг, ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕнцой нӕ ары мӕ уд — нӕ Дӕм хъуыстон! Мӕ хӕдзӕртты куы бабадти мӕлӕт, мӕ сабиты мын уынгты кардӕй марынц!
Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —
О, додой! Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд — Сионы Чызджы саудалынджы баппӕрста! Израилы кад арвӕй зӕхмӕ фехста! Тӕрхоны бон ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууагъта Йӕ къӕхты ’нцой!
Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ, сауджынты фыдракӕндтӕ — рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой, о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Сис дӕ сарыхъ ӕмӕ дӕ кады худ — нал дӕ бахъӕудзысты. Ныллӕг сбӕрзонд уыдзӕн, бӕрзонд та ӕрныллӕг уыдзӕн.
уый тыххӕй сӕ Ӕз ныззыгуым кӕндзынӕн, гӕныстонмӕ сӕ ӕркӕндзынӕн сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.
Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.
Израилӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Мицпамӕ, ӕвгӕдтой дон ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз калдтой. Уыцы бон уым ком фӕдардтой ӕмӕ фӕсмонӕй сӕхи хордтой: «Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стӕм». Самуел Мицпайы сси израилӕгты фӕтӕг.