22 Сионы Чызг! Кӕрон ӕрцӕудзӕни де ’фхӕрдӕн, дӕ тардӕн! Едомы чызг! Дӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзынӕ! Дунедарӕг дын дӕ фыдракӕндтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн!
Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон, уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй, мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ, Дӕ арм мыл дардзынӕ.
Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»
Раст-ма, раст, Сион, ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс! Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ, уаз сахар Йерусалим! Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр.
Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.
Ӕз семӕ сараздзынӕн ӕнусон фидыд ӕмӕ сӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ никуыуал ныууадздзынӕн, Мӕ хорзӕхӕй сӕ ӕнӕхай никуыуал фӕкӕндзынӕн. Сӕ зӕрдӕты сын тас бавӕрдзынӕн, цӕмӕй Мӕ тӕрсой, се ’ргом Мӕ мауал аздахой.
Ӕз Иудей ӕмӕ Израилы уацайрӕгты фӕстӕмӕ раздахдзынӕн, раздӕрау сӕ сфидар кӕндзынӕн.
Мӕ разы цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, уыдонӕй сӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн. Мӕ ныхмӕ-иу куы сыстадысты, уӕд цы фыдракӕндтӕ арӕзтой, уыдон сын ныббардзынӕн.
Ӕз та Исавмӕ ӕппындӕр ницыуал ныууадздзынӕн, йе ’мбӕхсӕнтӕ йын иууылдӕр байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ бон бамбӕхсын не суыдзӕн. Йӕ фырттӕ, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ цагъды фӕуыдзысты, йӕ кой дӕр фесӕфдзӕн.
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Израилӕн агурдзысты йӕ азым, фӕлӕ аххосджын нӕ разындзӕн, Иудӕйӕн агурдзысты йӕ тӕригъӕд, фӕлӕ йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз, цардӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн ныххатыр кӕндзынӕн.
Цин кӕн, Едомы чызг, Уцы бӕстӕйы цӕрӕг! Фӕлӕ ды дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ! Ныррасыг уыдзынӕ, дӕ худинаг раргом кӕндзынӕ!
О мӕ адӕм! Содом дӕр ахӕм карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, — уый бабын иу уысммӕ, лӕджы къух ыл нӕ бандзӕвыд.
Ӕцӕгӕлон адӕмтӕ куы феной, Мӕ Кувӕндон Израилы астӕу сӕвӕрдтон, уый, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы адӕмы Йӕхицӕн уаз Чи кӕны, Уый“».
Дард ран чи уа, уый амӕлдзӕн емынӕйӕ, хӕстӕг ран чи уа, уый та фӕмард уыдзӕни карды цӕфӕй. Удӕгасӕй ма чи баззайа, уый та амӕлдзӕни сыдӕй. Афтӕ сыл Ӕз ныххуырсдзынӕн мӕ азар.
Де ’фсымӕр Йаковы кӕй ӕфхӕрдтай, уый тыххӕй фӕхудинаг уыдзынӕ, сыскъуыйдзынӕ мыггагмӕ.
Исав та мын ӕнӕуынон сси. Йӕ хӕхтӕй йын ӕдзӕрӕг быдыр сарӕзтон, йӕ зӕххыл ын хъӕддаг куыйты ӕрцӕрын кодтон.
Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.