Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Хъарӕг 4:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Нӕ хӕдзӕрттӕй нын ракӕсӕн куынӕуал ис, куы бабадтысты не знӕгтӕ нӕ размӕ! Мӕлӕт ӕрбахӕстӕг, нӕ бонтӕ сты нымад! О, мӕнӕ ис нӕ мӕлӕт!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Хъарӕг 4:18
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ мӕстытӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Куыддӕр мӕхиуыл хӕрдмӕ схӕцын, — домбайау мыл Дӕхи ныццӕвыс.


Дунедарӕг мын загъта: «Раст уыныс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи цӕттӕ кӕнын Мӕ ныхас сӕххӕст кӕнынмӕ».


Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.


Бениамины кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм хъахъхъӕнджыты хицау, Хананиайы фырты фырт, Шелемийы фырт Ирийа фӕлӕбурдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕу фӕнды халдейӕгтӕм балидзын!»


пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн».


Ӕнаххос маргъы фӕдыл зилӕгау мӕ фӕдыл зилы знаг!


«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм дзурынц дӕуӕй: „Цы цӕстылуайӕн федта, уый сӕххӕст уыдзӕн дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ, пехуымпариуӕг дард фидӕны тыххӕй кӕны“.


Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн.


Рагон ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: „Фыдлӕгӕй фыдракӕнд рацӕуы“. Фӕлӕ дӕм ӕз мӕ къух нӕ сисдзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ