Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Хъарӕг 4:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уӕ, махӕн та куы сурс сты нӕ цӕстытӕ, ӕххуысыл дзӕгъӕлы нӕ зӕрдӕ дардтам! Нӕ фӕлгӕсӕн мӕсгуытӕй адӕммӕ ’нхъӕлмӕ кастыстӕм, — о, уыдон мах нӕ фервӕзын кӕндзысты!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Хъарӕг 4:17
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы заман Мысыры паддзах нал уӕндыд йӕ паддзахадӕй йӕ сӕр ӕддӕмӕ радарын, уымӕн ӕмӕ йын Евфраты донӕй Мысыры арӕнты онг цыдӕриддӕр зӕххытӕ уыди, уыдон Вавилоны паддзахы къухмӕ бахаудтой.


Уӕд зӕрдӕсаст фӕуыдзысты, Эфиопийыл йӕ зӕрдӕ чи дардта ӕмӕ Мысыры хъомыс бӕрзонд ӕвӕрд кӕмӕ уыд, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы хъӕр айхъуысдзӕн».


Уӕд, мӕлӕтимӕ цы цӕдис скодтат, уый хӕлд ӕрцӕудзӕн, мӕрдтыбӕстимӕ цы бадзырд сарӕзтат, уый нӕ фӕлӕудзӕн. Сау бӕллӕх уыл йӕхи ныццӕвдзӕни фурды уылӕнтау ӕмӕ уӕ бабын кӕндзӕн.


Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ?


Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,


дӕ сӕрыл хӕцгӕ, лидздзынӕ Мысырӕй. Дӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтай, уыдонӕй Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта, ӕмӕ семӕ ӕнтыстджын нӕ уыдзынӕ.


«Хуымгӕрдӕн афон нал у, сӕрд фӕци, фӕлӕ мах нӕма фервӕзтыстӕм».


Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!


Ӕрымысыд йӕ хъизӕмӕртты заман Йерусалим йӕ раздӕры хӕзнатӕ. Ныр саст ӕрцыд, ӕххуысгӕнӕг нӕ зыны, кӕсынц ӕм знӕгтӕ ӕмӕ худынц, кӕй фесӕфти йӕ хъару, ууыл.


Мысырӕгтӕй, ассириӕгтӕй ӕххуыс куы агурӕм, цӕмӕй къӕбӕрӕй бафсӕдӕм!


Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ бон нал бауыдзӕн Израилы адӕмӕн мӕнг ныфсытӕ ӕвӕрын. Мӕ адӕм нал фӕрӕдидзысты ӕмӕ сыл нал баууӕнддзысты, цӕмӕй мауал фӕазымджын уой, ӕмӕ уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый“».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ