15 Хъӕр сӕм кӕнынц: «О, фесӕфут, фӕчъизи стут! Цӕугӕут, ма ныл бандзӕвут!» Адӕмтӕ сӕ кой кӕнынц: «Мӕгуыр дзӕгъӕлдзутӕ! Ӕрцыди се сӕфт!
Ӕз дыл алырдыгӕй ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — алырдӕмты уӕ фӕсурдзысты, ӕмӕ лигъдӕтты ничиуал ӕрӕмбырд кӕндзӕн.
Уӕ, сурынц иудейӕгты сӕ зӕххӕй! Цагъартӕ сты, о, сау бон сыл куы ’ркодта! Ӕцӕгӕлӕтты ’хсӕн ӕмбӕхсынц, ӕнцой нӕ арынц, баййӕфтой сӕ знӕгтӕ! Уӕ, додойаг куы фесты!