66 О Дунедарӕг, зил сӕ фӕдыл, бынысӕфт сӕ фӕкӕн! Сӕ кой дӕр мауал уӕд Дӕ арвы бын!
Ӕмӕ Дунедарӕджы нӕ бафӕндыд Израилы ном арвы бынӕй бынтондӕр сыскъуынын, ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта Йоашы фырт Йеровоамы фӕрцы.
Суанг йӕ хуыссӕны дӕр аразы фыдвӕндтӕ.
О Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх хӕццӕ кӕны уӕлӕрвтӕм, Дӕ иузӕрдиондзинад — ӕврӕгъты онг!
Ды айгӕрстай фӕндаг донгуырӕнтӕн ӕмӕ суадӕттӕн, Дӕ хъомысӕй стыр цӕугӕдӕттӕ байсыстысты.
Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи, Де знӕгтӕн Ды равдыстай Дӕ хъару, цӕмӕй фыдгултӕ базоной сӕ бон.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
Зӕгъут сын: «Арв ӕмӕ зӕхх цы гуымирытӕ не сфӕлдыстой, уыдон фӕдӕлдзӕх уыдзысты».
О Дунедарӕг, Ды алцыдӕр зоныс! Ӕрымыс мӕ, ӕркӕс мӕм, мӕ сурджытӕй мын мӕ маст райс! Ды бирӕбыхсаг дӕ, ма мӕ фесаф; Дӕ сӕраппонд хынджылӕггаг кӕй сдӕн, уый зоныс.
Дӕ маст ссыгъд, ӕмӕ нӕ сурыс, ӕгъатырӕй нӕ сафыс!
Израилӕн хорздзинад бӕсты нӕ цӕуы, ӕмӕ знаг зилдзӕни йӕ фӕдыл.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах куы фервӕзын кӕна уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ уын исбонӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл уӕ куы ’рбынӕттон кӕна, уӕд-иу уӕ ма ферох уӕнт амалекӕгтӕ — сӕ кой дӕр-иу сын фесафут зӕххыл.
Ахӕм адӕймагӕн Дунедарӕг нӕ ныххатыр кӕндзӕн, Йӕ маст пиллон артау ссудздзӕн уыцы адӕймагмӕ, ацы чиныджы ӕлгъыстытӕ йыл ӕрцӕудзысты, ӕмӕ арвы бын йӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн.
Сӕ паддзӕхты уын уӕ къухмӕ ратдзӕн, ӕмӕ сын сӕ кой дӕр фесафдзыстут арвы бынӕй. Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ, се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзыстут.