56 Мӕ хъӕлӕс мын куы хъусыс, о, фехъус мын мӕ куывд ӕмӕ мӕ хъӕрзын!
Скуывта Йӕм, ӕмӕ йӕм Хуыцау Йӕ хъус ӕрдардта, айста йын йӕ куывд. Фӕстӕмӕ йӕ ’рбаздӕхта Йерусалиммӕ, йӕ паддзахы бадӕнмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй Менассиа базыдта, Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр Хуыцау кӕй у, уый.
«Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе ’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.
Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг, Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын.
Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, мӕнӕн мӕ уарт ӕмӕ мӕ кад дӕ, мӕ сӕр мын ӕгадмӕ нӕ уадзыс.
Талынг ӕмӕ бырынцъаг суӕд сӕ фӕндаг, Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд!
О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ ныхӕстӕ, бамбар мын мӕ уынӕргъын!
О мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ кувын, мӕ хъӕр Дӕм фехъуысӕд!
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Дард ран бадӕг ӕдзӕм бӕлон»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды кадӕг. Филистимӕгтӕ йӕ Гаты сахары куы ’рцахстой, уӕд.
О Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн! Адӕм мӕ фӕдыл зилынц, лӕбурынц мӕм, ссӕндынц мӕ ӕрвылбон.
Нӕ Хуыцау, фехъус Дӕ цагъары куывд ӕмӕ йӕ лӕгъстӕ! Бардарӕг! Дӕ Кувӕндон хӕлд ӕрцыд, фӕлӕ йӕ Дӕхи сӕраппонд хорзӕхы аккаг скӕн!
Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд Йӕхӕдӕг мах тыххӕй Хуыцауӕй фӕкуры, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм сулӕфтытӕй.