55 О Дунедарӕг, арф дзыхъхъӕй Дӕм кувын!
Дунедарӕг! Уӕлӕрвтӕ стауынц Дӕ диссӕгтӕ, Дӕ иузӕрдиондзинад стауынц сыгъдӕджытӕ.
Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.