53 Удӕгасӕй мӕ дзыхъмӕ ныппӕрстой, йӕ сӕр ын дурӕй сӕхгӕдтой!
Йеремиайы ныккӕнды ныппӕрстой, ӕмӕ уым дзӕвгар рӕстӕг фӕбадти.
О мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах, байхъус мӕм, мӕ курдиатыл мын дӕхи ма атигъ кӕн! Мауал мӕ арвит нымӕрдар Йонатаны хӕдзармӕ, науӕд уым амӕлдзынӕн».
Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.
«Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ацы адӕм пехуымпар Йеремиайӕн цы бакодтой, уый стыр фыдракӕнд у! Цъайы йӕ ныппӕрстой, ӕмӕ уым сыдӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ сахары дзул нал ис».
Ӕмӕ дур ӕрбахастой ӕмӕ йӕ хъоргъмӕ ныххизӕныл ныффӕлдӕхтой. Паддзах ыл йӕхи ӕмӕ йе ’лдӕртты къухдарӕнтӕй мыхуыртӕ сӕвӕрдта, — Даниилӕн цы тӕрхон рахастой, уымӕн аивӕн кӕй нӕй, уый нысанӕн.
Дарий йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд йӕ дзыхмӕ хойраг нал схаста. Хуыссӕг ӕй нал ахста, ӕмӕ уыцы ӕхсӕв йӕ номылустыты дӕр ӕрбакӕнын нӕ бауагъта.
Уӕд Дунедарӕг бардзырд радта стыр кӕсагӕн, цӕмӕй Ионӕйы аныхъуыра. Ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы Ионӕ фӕци кӕсаджы гуыбыны.
ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, уыцы ног зӕппадзы. Бахизӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди.
Уыдон ацыдысты ӕмӕ зӕппадзӕн йӕ разы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой, бахизӕны дурыл та — мыхуыр.