52 Ӕнаххос маргъы фӕдыл зилӕгау мӕ фӕдыл зилы знаг!
Уыцы бон Дӕ адӕм ӕмвӕндӕй тохмӕ рацӕудзысты Демӕ. Сӕуӕхсидӕй Дӕ райгуырын кодтон сӕууон ӕртӕхау.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.
Дӕ рӕстад — Хуыцауы хӕхтау бӕрзонд, Дӕ раст тӕрхон — ӕнӕбын хуыдымау! Адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр аудыс, Дунедарӕг!
Чи мыл феради, афтӕ йын хъӕуы, зӕгъгӕ, уыдон ӕгадӕй сӕхи фӕстӕмӕ айсӕнт.
Йеремиа паддзах Цедекиайӕн ноджы загъта: «Цӕмӕй фӕаххосджын дӕн дӕ разы, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕмы раз? Ныккӕнды мӕ цӕй тыххӕй ныппӕрстат?
Мӕ зӕрдӕ фыр рыстӕй фӕцӕйтоны, куы бакӕсын мӕ сахары чызджытӕм!
Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.