46 ныххӕлиу кодтой не знӕгтӕ сӕ дзыхтӕ, цӕмӕй нӕ аскъуыдтӕ кӕной!
Йӕ алыварс мӕрмӕ йын базылдтӕ, ӕмӕ уый ауагъта йӕ уидӕгтӕ, йӕ талатӕ ӕгас бӕстӕйы суагъта.
О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых, Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕздзыстӕм.
Израилӕгтыл та куыдз дӕр не срӕйдзӕн — нӕдӕр сӕхиуыл, нӕдӕр сӕ фосыл. Уый, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг израилӕгтӕм, мысырӕгтӕй хъауджыдӕр, хъулон цӕстӕй кӕй кӕсы, уый“.
О сахар! Де знӕгтӕн хынджылӕггаг куы фестадтӕ! Ӕхситт кӕнынц, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс куы цӕуы, дзурынц: «Кӕдӕй-уӕдӕй йын федтам йе сӕфт! О, ’рцыди уыцы бон!»