45 Ныр адӕмты ’хсӕн — чъизи ӕмӕ ’лгъаг,
Фӕндаггон фыр дисӕй ныкъкъӕрцц кӕндзӕнис йе ’рмттӕ, ныкъкъуыззит кӕндзӕн, банкъусдзӕн йӕ сӕр ӕмӕ зӕгъдзӕн Йерусалимӕй: «Алӕмӕты рӕсугъд сахар дӕу хуыдтой? Ӕгас дунейы циндзинад ды уыдтӕ?»
Мӕ адӕмӕн ӕз хъазинаг куы сдӕн, куы кӕнынц алы бон мӕ фыдгой!
ныххӕлиу кодтой не знӕгтӕ сӕ дзыхтӕ, цӕмӕй нӕ аскъуыдтӕ кӕной!
Цъыф ныл калынц, мах та сын фӕлмӕн ныхасӕй дзуапп дӕттӕм. Быронӕй уӕлдай не стӕм адӕмы цӕсты.
Дунедарӕг уӕ скӕндзӕн къӕдзил нӕ, фӕлӕ сӕр, сымах бынӕй нӕ, фӕлӕ уӕле уыдзыстут, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕм куы хъусат ӕмӕ сӕ, ӕз уын куыд дзурын, афтӕ куы ӕххӕст кӕнат,
Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты.
Уыдон сымахмӕ нӕ, фӕлӕ сымах уыдонмӕ уайдзыстут ӕфстаугур. Уыдон уыдзысты сӕр, сымах та — къӕдзил.