Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Хъарӕг 3:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Хъарӕг 3:37
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах загъта: «Цы уӕ фӕнды, Церуайы фырттӕ! Уымӕн мӕ ӕлгъиты, ӕмӕ йын Дунедарӕг афтӕ загъта. Уӕд ын кӕй бон у, афтӕ цӕмӕн кӕныс, зӕгъгӕ, бауайдзӕф кӕнын?»


Иу заман Сирийы ӕфсадӕй иу хӕстон зӕрдаивӕй йӕ фат суагъта ӕмӕ Израилы паддзахы фӕцӕф кодта. Фат згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты ’хсӕнты бацыд. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Ардыгӕй мӕ алас! Цӕф дӕн».


Дзургӕ ма кодта, афтӕмӕй паддзах йӕхӕдӕг дӕр ӕрбахӕццӕ ис ӕмӕ Елисейӕн загъта: «Ныр ма цавӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон Дунедарӕгмӕ, фыдбӕллӕхы нӕ Йӕхӕдӕг куы баппӕрста, уӕд?»


Фӕлӕ мӕнӕ ис, цы сусӕг кодтай, уый, зонын дын Дӕ фӕндон.


«Сӕлхӕр усы ныхӕстӕ кӕныс! — дзуапп ын радта Иов. — Ау, Хуыцауӕй хорз райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд Дзы ӕвзӕр исты цӕуылнӕ хъуамӕ райсӕм?» Ӕмӕ йӕ иу ныхасӕй дӕр тӕригъӕды нӕ бацыди Иов.


Фараон загъта: «Ӕз сымах уӕ сабитимӕ куыд ауадздзынӕн, афтӕ уӕ Дунедарӕг дӕр хъахъхъӕнӕд! Бӕлвырд, цыдӕр фыдвӕнд скодтат!


Адӕймаг хъуыды кӕны йӕ царды фӕндагыл, фӕлӕ йын йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы.


Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.


Ӕз, сӕ мӕнг фынтӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхмӕ сыстдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕ фынтӕй ӕмӕ сӕ къӕйных мӕнг ныхӕстӕй Мӕ адӕмӕн сӕ зонд сзгъуыммӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ Ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ахӕм бардзырд нӕ радтон. Уыдон ацы адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Моисейӕн загъта: «Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн. Кӕмӕн Мӕ фӕнды батӕригъӕд кӕнын, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».


Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ