Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Хъарӕг 3:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Ныддӕлгом ис зӕххыл: «Кӕд ис нырма, мыййаг, зӕрдӕ дарӕн?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Хъарӕг 3:29
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта.


Мӕ буар сӕхъис дарӕсӕй ӕрбамбӕрзтон, мӕ кад фӕнычы баныгӕдтон.


Ӕви дӕумӕ дӕр Хуыцауы хъомыс ис, дӕуӕн дӕр Уыйау дӕ хъӕлӕс арвгӕрӕтты уырауы?


Фидӕныл дӕ зӕрдӕ дар, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕ фырттӕ сӕ зӕххы хаймӕ ’рыздӕхдзысты».


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.


Чи зоны, кӕд нын Хуыцау фӕтӕригъӕд кӕнид, Йӕ судзгӕ мастӕй нӕ бахизид ӕмӕ кӕд нӕ фесӕфиккам».


Зӕххыл сӕрныллӕгӕй чи цӕры ӕмӕ Йын Йе ’гъдӕуттӕ чи ӕххӕст кӕны — агурут Дунедарӕджы! Рӕстдзинад уарзгӕйӕ цӕрут, сӕрныллӕг ут ӕмӕ, чи зоны, Дунедарӕджы азары бон фыдбылызӕй хызт уаиккат.


Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ