22 «Дунедарӕгӕн Йӕ хӕрзаудӕн нӕ сысы, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы —
Давид Гадӕн загъта: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауӕм, — Уый бирӕбараг у».
Фӕлӕ сӕ уӕддӕр, рӕстаудӕг ӕмӕ барон Хуыцау, Де стыр хорзӕх уыди, ӕмӕ сӕ бахызтай бындзагъдӕй, нӕ сӕ ныууагътай.
Суадӕттӕ ауадзыс дӕлвӕзты ӕмӕ атындзынц хӕхты ’хсӕнты.
Цӕмӕй сӕ фыдӕлты хуызӕн ма уой — нӕсӕттон ӕмӕ змӕнтӕг фӕлтӕр, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ Хуыцауимӕ нӕ уыдысты, ӕнувыд Ыл нӕ разындысты сӕ удтӕ.
Цӕугӕ ӕмӕ фехъусын кӕн цӕгаты: „Израилы чызг, гадзрахатӕй рацӕуӕг, раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ маст дыл нӕ ныккалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз хӕрзаудӕнгӕнаг дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕндзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн! Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыдоны ныццӕгъддзынӕн, ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ фесафдзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕ бафхӕрдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».
«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
О Бардарӕг, нӕ Хуыцау, Ды бараг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, мах та Дӕ ныхмӕ сыстадыстӕм,
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн. Йаковы фырттӕ, Ӕз ивгӕ нӕ кӕнын, ӕмӕ сымах дӕр уый фӕрцы нӕ фесӕфтыстут.
Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты.