19 О, ӕркӕс мӕ саубонмӕ, куыд рафт-бафт кӕнын, уымӕ! Мӕ фӕндӕгтӕ ныссуйтӕ сты, ӕркӕс мӕм! Куы байдзаг дӕн скъӕлдзо ӕмӕ мастӕй!
О нӕ Хуыцау! Стыр, хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, Йӕ Фидыд Чи нӕ рох кӕны, уыцы рӕстаудӕг Хуыцау! Ныр нын фагыл банымай, нӕхӕдӕг, нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ, нӕ пехуымпартӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ Дӕ адӕм иууылдӕр ассириаг паддзӕхты заманӕй абоны онг цы хъизӕмӕрттӕ февзӕрстой, уыдон.
О ме Скӕнӕг, мӕ цард — дымгӕйы иу ӕрбафуттау, хорзӕй ницыуал фендзынӕн.
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Куыд ӕхсызгон ӕмӕ куыд хорз у — ӕфсымӕртӕ иумӕ фидыдӕй куы фӕцӕрынц!
«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы адӕмӕн скъӕлдзо бахӕрын кӕндзынӕн, маргджын дон сын бадардзынӕн.
Уӕ, мастӕй мӕ куы бафсӕста, куы мӕ бафсӕста скъӕлдзойӕ!
Куы ’ртыхст мӕ алыварс, уӕ, удхарӕй мӕ мары!