18 Уӕд загътон ӕз: «О, фесӕфти мӕ хъару, мӕ зӕрдӕдарӕн Дунедарӕг нал у!»
Цӕуыл ма дарон мӕ зӕрдӕ? Чи мын фендзӕн мӕ ныфс?
Цы ныфсӕй фӕразон, хъару мӕм куынӕуал ис? Цы уыдзӕн мӕ кӕрон? Цы ма у мӕ цард?!
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд».
Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, алы агурӕг дӕр ссары ӕмӕ алы хойӕгӕн дӕр дуар байгом вӕййы.
Давид йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Искуы Саулы къухӕй сӕфдзынӕн, ӕмӕ мын филистимӕгты бӕстӕм алидзынӕй хуыздӕр амал нӕй. Уӕд йӕ ныфс асӕтдзӕни Саулӕн ӕмӕ мӕ нал агурдзӕн Израилы алы къуымты, ӕмӕ дзы афтӕмӕй фервӕздзынӕн».