17 Уӕ, амонд байстай Ды мӕ цардӕй, ӕз ферох кодтон циндзинад!
Фӕлӕ уыдоны фӕдыл ралӕудзысты авд стонг азы, ӕмӕ Мысыры зӕххы стыр бӕркад ферох уыдзӕнис адӕмӕй. Ахӕм ӕвирхъау заман скӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынтондӕр сафтид уыдзӕни, раздӕры бӕркадӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни.
О ме Скӕнӕг, мӕ цард — дымгӕйы иу ӕрбафуттау, хорзӕй ницыуал фендзынӕн.
Мӕ хъизӕмар мын хорзӕрдӕм фӕци. Ингӕны къӕсӕрӕй мӕ раздӕхтай, мӕ тӕригъӕдтӕ мын Дӕ фӕсчъылдыммӕ фехстай дард.
Хӕхтӕ сӕ бынатӕй фенкъуысдзысты, уӕлвӕзтӕ нырриздзысты, фӕлӕ дӕумӕ цы хорз зӕрдӕ дарын, уымӕн ивӕн нӕй, цы фарн дын балӕвар кодтон, уымӕн та — сӕфӕн. Уый дын зӕгъын Ӕз, уарзгӕ дӕ Чи кӕны, уыцы Дунедарӕг».
Иууылдӕр ниуӕм ӕрсытау, хъуыр-хъуыр кӕнӕм бӕлӕттау. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, нӕ хъизӕмӕрттӕй нӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ, фӕлӕ нӕм ӕмгӕрон нал цӕуы.
Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.
Ау, Иудейы бынтон аппӕрстай Дӕхицӕй? Ау, Сион Дын ӕнӕуынон сси? Ахӕм цӕф нын цӕмӕн ныккодтай? Сдзӕбӕхы амал нын куынӕуал ис! Сабырдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм сдзӕбӕхмӕ, нӕ алыварс та — ӕвирхъау бӕллӕхтӕ.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Хист кӕм кӕнынц, ахӕм хӕдзармӕ хъарӕг ӕмӕ тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ ма бацу, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы адӕмӕн сӕ сабыр цард байстон, Мӕ хорзӕх ӕмӕ Мӕ тӕригъӕдӕй ӕнӕхай фесты.
Сабыр цардыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, сдзӕбӕхмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ фӕзынд ӕвирхъау тас!
О, уый тыххӕй куы кӕуын ӕз, мӕ цӕссыг цӕстытӕй куы ранхъӕвзы! Мӕ Сабыргӕнӕг, мӕлӕтӕй Ирвӕзынгӕнӕг, о, дард куы у мӕнӕй! Фӕуӕлахиз мыл, басаста мӕ ме знаг, мӕ хъӕбултӕ, мӕ сабитӕ куы сӕфынц!
Ныронг нӕдӕр фос, нӕдӕр адӕймаджы куыстӕн фидын никӕй бон уыди, алы цӕуӕджы алырдыгӕй хъахъхъӕдтой знӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз адӕмы кӕрӕдзимӕ сфыдӕх кодтон.